Душеты муниципалитеты Шатилы фæндагыл, фæндагон-транспортон цауы амæттаг фесты 17 адæймаг.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн МХМ-ы куыд фехъусын кодтой афтæмæй, микроавтобус 80 метры бæрзæндæй ахауд. Аварийы фæстиуæгæн æртæ адæймаг уæззау цæфтæ сты.
«Мидхъуыддæгты министрады æхсæнадон æдасдзинады фæткдæттæг центр «112»-мæ æрбацыд хъусинаг, ома Душеты муниципалитеты, хъæу Бисомæ хæстæг, Шатилы æрдæм фæндагыл æрцыд фæндагон-транспортон цау, кæцыйы фæстиуæгæн, микроавтобус 80 метр бæрзæндæй ахауд. Хъусинаг райстæй уайтагъд, бынатыл мобилизацигонд æрцыд мхм-ы алы æмбæлгæ дæлхайад. Бынатыл сты ирвæзынгæнæг куысты бргадæтæ, патрулон æмæ криминалон пъæлицæй, зынгвæдисонтæ, æмæ тагъд медицинон æххуысы къордта.
Фыццаг информацийæ, микроавтобусы бадæг 17 æмбæстаг амард, 3 та уæззау цæфтæ сты. Уыдоны ирвæзынгæнджытæ æдас территоримæ ракодтой, кæцыты тагъд медицинон бригадæтæ фæхæццæ кодтой рынчындæттæм. Дарддæр кæны, транспортон фæрæзы уæвæг æндæр уæнгты агуырд. Афтæма цæуы бæлццæтты идентификаци æмæ æндæр оперативон-фæдагурæн мадзæлттæ. Снысан ис алы хъæугæ экспертизæ. Мидхъуыддæгты министрад, æрцæугæ факты фæдыл хъуыддаг рæгъмæ рахаста Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 276-æм статийæ» – банысангонд у МХМ-ы информацийы.