Шарль Мишель – Хонын алы фарсы дæр, абон изæр фембæлæм, афон у фасилитацийæ ахизæм медиацимæ
Алкæй хонын, цæмæй абон изæр ембæлæм. Афон у, фасилитацийæ медиацимæ ахизын, политикон диалогы афон у, – уы фæдыл Европаг Советы президент Шарль Мишель, Гуырдзыстоны премьер-министримæ иумæйаг пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ алы фарсмæ сиды, æрцæуа деескалаци æмæ тыхтæ баиу уæд политикон диалогмæ.
«Тынг хъыг æмæ кæсы Гуырдзыстоны политикон кризис кæй фæарфдæр ис уый. Гуырдзыстон азты дæргъы самал кодта демократи æмæ æнтыстытæ. Поляризаци æмæ кризис уæ премьер-министрæй уæвыны периоды, уæ коллегæты тыхайрхайдæй æмæ оппозицийы лидерты тыхархайдæй хъуамæ рараст уа, хъуамæ фæуа поляризаци. Кæцыфæнды бæстæйы хицауад хъуамæ равдиса лидермæ æмбæлгæ миниуджытæ, афтæдæр йæ цæст сраст кæна быцæусидтытæм æмæ баиу кæна тыхтæ, цæмæй бантыса политикон диалог. Æз алкæй дæр хонын, алы фарсы дæр, изæры фембæлæм. Афон у фасилитацийæ медиацимæ ахизæм. Политикон диалогы афон у. Ацы процеесс цалдæр фарст аскуыддзаг кæндзæн, уый тæрхонон системæйы реформæ. Хæдбар æмæ бæрнон тæрхондон у уыцы аспект, кæцы æн æмгуыстады сæйраг компонент у. Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн фадат хъуамæ уа тæрхондонæн æууæнк равдисын æмæ рахатын, уый у сегасдæр ахсджиаг аспект æмæ алчи зонæм цæмæй конкретон хъуыддæгтæ аскуыддзаг кæнын хъæуы. Афтæдæр уæм сидын ноджы фылдæр тыхайрхайдæй æмæ фылдæр амбицитæй сæххæст кæнат реформæтæ. Уымæн бахъæудзæн уæ лидерон позици, алы фарсы бастдзинад æмæ компромиссмæ рацæуын. Ай у уыцы фæндаг æмæ демократион формат, кæцы нын æрхæсдзæн фарн, демократийы æмæ ноджы æнгомдæр партнерад уыдзæн Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны æхсæн», – райхъусын кодта Шарль Мишель.