Европаг Советы президент Шарль Мишель Гуырдзыстонмæ фæуазæг ис.
Батумы æхсæнадæмон аэропорты йæ размæ рацыд Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани æмæ Ачъарайы автономион Республикæйы хицауады сæргълæууæг Торнике Рижвадзе.
Шарль Мишель Гуырдзыстонмæ æрцыд президент Саломэ Зурабишвилийы хуындæй.
Европаг Советы президент сом Батумы æхсæнадæмон конференцийы райсдзæн хайад, кæцыйы фæлгæтты дæр «Хурыскæсæн партнерады» ассоциацигонд бæстæты лидерты фембæлд ацæудзæн.