Шарл Мишел - Евроцæдис  цæттæ хъуамæ уа  ног уæнгты райса 2030 азмæ
Шарл Мишел - Евроцæдис цæттæ хъуамæ уа ног уæнгты райса 2030 азмæ

Евроцæдис  цæттæ хъуамæ уа  2030 азмæ   ног уæнгты райсынмæ, – уый фæдыл  Европаг Советы президент  Шарль Мишель  райхъусын кодта.

«Ерын ауæрæх кæнын хъуамæ æркæсæм куыд иуæй-иу  сæйраг расидт Евроцæдисæн, афтæдæр  йæ фидæны уæнг  бæстæтæн. Уый у  амбицион, фæлæ æнæмæнгхъæугæ.  Уымæй  бæрæг у,  цæмæй  серьозон стæм.  Фадæтты  рудзынг  гом у, æмæ дзы хъуамæ спайда кæнæм уымæй», – райхъусын кодта Шарл Мишел.

«Файненшл Таймс» куыд хъусын кæны  афтæмæй,  Евроцæдисы лидертæ  ацы темæйыл   фыццаг дискусси октябры  райдайæны  Испанийы, Гранадæйы ауадздзысты.  Медиайы хъусинагæй,  Украина  куры, Евроцæдис сразы уа сæ официалонæй уæнгсуæвыны процессы афæдзы кæронмæ райдаынимæ.

Медиа фыссы, цæмæй  Брюссел,  Украина, Молдовæ æмæ Албани  кандидат бæстæтыл банымадта æмæ райдыдта мидæгон дебаттæ  уый фæдыл, куыд ис гæнæн аст ног уæнг райсын.