Шарль Мишель - афон у æнæмæнгхъæугæ компромисстæ æруадзын, Кристиан Даниелсон, медиаци адарддæр кæнынмæ æрыздæхдзæнис Гуырдзыстонмæ
Европаг Советы президент Шарль Мишелы дзырдæй, зæгъгæ йæ минæвар Кристиан Даниелсон, медиаци адарддæр кæнынæн Гуырдзыстонмæ æрыздæхдзæнис.
Уый тыххæй Шарль Мишел фыссы «Твиттеры».
«Схатдзæг кодтам Даниелсоны медиацийæ Гуырдзыстоны цы прогресс уыдис уый гуырдзиаг адæмы интерестæм гæсгæйæ. Афон у, æнæмæнгхъæугæ компормисстæ æруадзын. Минæвар æрыздæхдзæнис медиаци адарддæр кæнынæн»- фыссы Мишел социалон хызагы.
Европаг Советы президенты специалон минæвар Кристиан Даниелсон Гуырдзыстонмæ æрцыд 12 марты. Уымæ Европаг Советы президент Шарль Мишелæй хæслæвæрд уыд Гуырдзыстоны хицауад æмæ оппозицийы æхсæн медиацийы тыххæй.
Даниелсон 12-14 марты ауагъдта фембæлдтæ, куыд хицаугæнæг балы, афтæ оппозицийы минæвæрттимæ. Уый фæстæ Европаг Советы президенты минæвар йæ визит адарддæр кодта. Ауагъдта иумæйаг фембæлдтæ хицауад æмæ оппозицийы минæвæртты хайадæй, фæлæ æнæфæстиуæгæй.
Даниелсон Гуырдзыстонæй ацыд 19 марты.
Ацыды размæ лæвæрд пресс-конференцийыл, Кристиан Даниелсон ныфс разагъдта, ома партитæм уыдзæнис компромиссы фæндон, кæцы дæтты фæстиуæгы гæнæндзинад.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, æрыздæхдзæнис Брюссельмæ æмæ алцыппæты тыххæй базонын кæндзæн Шарль Мишелæн.