Шарль Мишель - адарддæр кæндзыстæм алы позитивон тыхархайдæн æххуыс кæнын
Евроцæдисы æххуыс æнхъарын хъауджы фарстæтыл алы позитивон тыхайрхайд стынг кæнынæн – уый фæдыл Европаг Советы президент Шарль Мишель, Гуырдзыстоны президенты администрацийы хицауады æмæ оппозицийы минæвæртты фембæлды фæуды фæстæ брифингыл райхъусын кодта.
«Дыууæ къуыримæ, Брюсселы нын уыдзæн дарддæры ассоциацидзинады совет Гуырдзыстонимæ иумæ, кæцыйыл фæбæрæг уыдзæн, цæмæй цавæр прогресс æрцыд æндæр æмæ æндæр фарстæтæм гæсгæ. Сæйраг æрвитæггаг ахæм у: Евроцæдис Гуырдзыстоны æмбæстæгты интересты хъахъхъæнæг у. Ацы бæстæйы бирæ вазыгджын быцæусидт ис: экономикон рæзынад, социалон уавæр, «Ковид-19», æдасдзинад, стабилондзинад. Адон сты тынг ахсджиаг быцæусидтытæ, кæцытæн хъуамæ бахъом уæм. Растдæр уый тыххæй у æнæаргъæвгæ политикон кризисы аскуыддзаг» – баынсан кодта Шарль Мишель.
Афтæма йæ ныхæстæм æгсгæ, абон изæр Гуырдзыстоны президенты галуаны ацæугæ фембæлдæй, фарсытæ стыр къахдзæф сарызтой размæ.
«Ацы изæр дæн сæрыстыр, уымæн æмæ раст æрæдмадæй егъау къахдзæф уыд. Уый нæ нысан кæны, цæмæй алцыппæт аскуыддзаг ис. Уый нæ нысан кæна, цæмæй нæй вазыгджын фарстæтæ, кæцыты политикон партитæ æмæ хицауад хъуамæ æркæса. Ай нысан кæны уый æмæ, алы хайадисæгы куы бафарстон, цæмæй сæ фæндыд æви нæ политикон диалог адарддæр кæнын, цæмæй иумæ бацагурæм амал. Уымæн мын раттой дырыс дзуапп – о дам, кæцы у ахсджиаг къахдзæф æмæ мах дæр адарддæр кæндзыстæм алы позитивон тыхархайдæн æххуыс» – райхъусын кодта Шарль Мишель.