Европаг Советы президент абон Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн, – уый фæдыл Шарль Мишель Орбелианиты галуаны онлайн бастдзинады рæстæджы загъта.
«Мæ бон у намысджынæй райхъусын кæнын, ома сом æрцæудзынæн Гуырдзыстонмæ, цæмæй фембæлон сымах алкæимæ дæр, цæмæй уын мæ цыт равдисон æмæ сымахимæ иумæ æркæсон, куыд сараздзыстæм дарддæры къахдзæфтæ иумæ, цæмæй стыхджын кæнæм Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы æхсæн ахастытæ. Нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсын сымахимæ фембæлынмæ сом», – банысан кодта Шарль Мишель.
Орбелианиты галуаны, Европаг Советы президент Шарль Мишелы партитæн бавдыст документ «Гуырдзыстоны фидæны фæндагы» къухбафыссыны церемони ацыд.
Документыл къухфыстытæ ныууагъдтой: Давит бакрадзе, Алеко Элисашвили, Бадри Джапаридзе, Зураб Джапаридзе, Мамука Хазарадзе, Вахтанг Мегрелишвили, Шалва Папуашвили, Саломэ Самадашвили, Хатуна Самнидзе, Арчил Талакъвадзе, Гиорги Вашадзе.
Уыимæ иумæ, Хатуна Самнидзе, Давит Бакрадзе æмæ Саломэ Самадашвили документыл къух индивидуалонæй рафыстой, уымæн æмæ блок «Националон Змæлд-Тых Иудзинады ис» æмæ «Европаг Гуырдзыстон» документимæ разы не сты.
Къухбафыссыны церемонийыл партиты минæвæрттимæ æмæ президентимæ иумæ уыдысты Карл Хацрелл æмæ Келли Дегнан, афтæдæр мадзалы дистанционæй хайад иста Шарль Мишель.
Европаг Советы президент Шарль Мишель, политикон партитæн ног документ 18 апрелы бавдыста. Сæрмагондæй та, Шарль Мишелы бавдыст ног документмæ гæсгæйæ, «Гуырдзиаг Бæллиццы» æнхъарæнмæ æмбæлгæйæ, 2022 азы снысан уыдзæн æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ, кæд хицаугæнæг парти, бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты 43 проценттæй къаддæрдæр хъæлæстæ райсдзæн.
Уыимæ иумæ, Шарль Мишелы документмæ гæсгæйæ, бадзырд бафыссынæй иу къуыримæ, фарсытæ политизиргонд нымад дыууæ хъуыддаг хъуамæ ногæй æркæсой.