Шалва Шавгулидзе, Нино Гогуадзе, Сандро Барамидзе æмæ Гиорги Китиашвили «Сæрибар Демократтæй» рацыдысты æмæ «Европаг Гуырдзыстоны» æвзарæнон номхыгъдты уыдзысты бавдыст
Шалва Шавгулидзе, Нино Гогуадзе, Сандро Барамидзе æмæ Гиорги Китиашвили «Сæрибар Демократтæй» рацыдысты æмæ «Европаг Гуырдзыстоны» æвзарæнон номхыгъдты уыдзысты бавдыст.
Шалва Шавгулидзейы æмбарынгæнæнмæ гæсгæ, скуыддзаг партийы сæрдарады цы зианхæссæг уавæр сырæзт уыйимæ баст у зæгъгæ.
Шавгулидзейы ныхæстæм æгсгæ, ацы позициимæ разы сты æмæ партийы рæнхъытæй цæуынц Нино Гогуадзе æмæ Сандро Барамидзе, афтæдæр «Сæрибар демократты» фæсивæдон организацийы лидер – Гиорги Китиашвили.
«Бузныг «Европаг Гуырдзыстонæн» æууæнкаг партнердзинады тыххæй. Фæстагмæ мæ фæнды банысан кæнын: Иванишвилийы хицауадæн «Сæрибар Демократты» рæнхъытæ цудын кæнын нырма 2014 азы фæззæджы, стæй та 2016 азы парламентон æвзæрстыты рæстæджы баныстис. Ахæм симптомтæ ныр 2020 азы æвзæрстыты размæ равдыстой сæхи. Райгонд уыдзынæн кæд æмæ мæ тас нæ фæраст уыдзæн æмæ «Сæрибар Демократтæм» базайæг адæймæгтæ, «Гуырдзиаг Бæллиццы» проуырыссыг хицауады орбитайы нæ фæзындзысты» – хъусын кæны Шалва Шавгулидзе.