Шалва Папуашвилийы  сывзæрстой  парламенты  сæрдарæй
Шалва Папуашвилийы сывзæрстой парламенты сæрдарæй

Гуырдзыстоны  парламенты уæнгтæ,  закъондæттæг органы  сæрдарæй  сывзæрстой Шалва Папуашвилийы.  Уыйы парламент сывзæрста  88 хъæлæсæй иуы ныхмæ.   Хъæлæскæныны рæстæджы  регистраци  ацыд  104 депутат, парламенты  сæрдары сывзарынæн  хъуыдис 76 хъæлæс.

Парламенты сæрдарæй  сывзарыны онг,  Шалва Папуашвили  депутаттæм  дзырдæй баздæхт  æмæ сæ  фарстытæн ратта дзуаппытæ.  Папуашвилийы дзырдæй,   зæгъгæ алцыппæт  сараздзæн, цæмæй бæстæйæн æмæ адæмæн  аккаг службæ кæна.  Уый ма  бузныг загъта  парламенты раздæры сæрдар Каха Кучъавайæн.

Каха Кучъава  Гуырдзыстоны парламенты сæрдары бынатæй  йæхи суæгъд кодта 24 декабры.