Шалва Папуашвили Венецийы Комиссийы президентмæ фыстæг арвыста, ома мауал æркæсой куырдиат закъонопроекттыл барадон хатдзæг æрцæттæ кæныны фæдыл
Шалва Папуашвили Европæйы Советы Венецийы Комиссийы президент, Клер Бази Малориммæ баздæхтис, ома мауал æркæсой куырдиат «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» æмæ «Фæсарæйнаг агентты регистрацийы «фæдыл закъонопроекттыл барадон хатдзæг æрцæттæйы фæдыл.
«Цытджын президент, цалдæр бон размæ уæм рарвыстон фыстæг, кæцыйы мидæг уæ куырдтон Венецийы Комиссийы барадон цæстæнгас «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» æмæ «Фæсарæйнаг агентты регистрацийы» закъонопроектты тыххæй. Хъыгагæн, бавдыст регуляцитæ Гуырдзыстоны æхсæнады хъауджы хъуыдытæ расайдтой. Мæнг наративтæ æмæ ярлыктæ рæдыды бафтыдтой æмбæстæгты æмæ конфронтацийæн æрывæрдтой бындур. Уымæ æмбæлгæйæ куыд бæрнон актор, кæцы ауды бæстæйы сабырдзинадыл, стабилондзинадыл æмæ фарныл, хицаугæнæг парти ахицæн кодта, фæнысангонд закъонопроектты фарсхæцыны фæстæмæ асидын æмæ дарддæры закъондæттæн кастытæ аскуыдта.
Уый æппæты тыххæй, курæг уæ дæн, мауал æркæсут нæ куырдиат барадон цæстæнгас æрцæттæ кæнынæн æмæ бауромут ацы æрдгæй уынаффæтæ райсты процесс. Цытджын президент, бæлвырд уын æвдисын цыт дзырдæуы Шалва Папуашвилийы фыстæджы, кæцыйы парламенты пресс-куыст публикаци кæны.