Шалва Папуашвили – уый у сау бон Гуырдзыстонæн Америкæйы æххуысы историйы, бæрæг куыд у афтæмæй, америкаг адæмы æхцайæ спайда кодтой, ам революцион процессты сплан кæнынæн
USAID хъуамæ сараза æмбарынгæнæн, цæмæн хардз кæны америкаг адæмы æхца æндæр бæстæты змыстыты инспирацийы, хордты бацæттæ кæнынæн, кæцытæ змæстытæ хъуамæ сплан кæной æмæ тыхмидзинад сцырын кæной, – уый фæдыл журналисттæн Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили паддзахадон æдасдзинады куысты уагъд брифингы æмæ публикацигонд æрмæджыты тыххæй фарсты дзуаппæн загъта.
«Уый у сау бон Гуырдзыстонæн Америкæйы æххуысы историйы дæргъы. Куы уынæм, цæмæй америкаг адæмы æхцайæ ам спайда кодтой революцион процесстæ сплан кæнынæн, адæймæгты нысанонæй бацæттæ кæнын змæстытæмæмæ тыхмидзинады цырын кæннæн. Хъыгаг у, цæмæй ацы хъуыддæгты баст у америкаг адæмы æхца, уый тыххæй нысаниуæгджын у æмбæлгæ æмбарынгæнæнтæ сырæза USAID-æй, кæцы нырид цал хатты фæцис азæм скандалы центыр», – райхъусын кодта Шалва Папуашвили.