Шалва Папуашвили Украинайы Радайы сæрдар Руслан Стефанчукимæ онлайн-фембæлд ауагъдта
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Украинайы бæрзонддæр Радайы сæрдар Руслан Стефанчукимæ онлайн фембæлд ауагъдтой.
Парламенты пресс-куысты информацийæ, фембæлдыл æркастысты Украинайы ныхмæ цæугæ уырыссаг агресси æмæ йæ трагикон фæстиуджытæ.
Афтæма йæ хъусинагæй, Руслан Стефанчук Гуырдзыстонæн базуныг загъта æххуысы тыххæй, уымæй уæлдай ма, Гуырдзыстоны уæвæг украинæгтыл аудындзинады æмæ хъусдарды тыххæй.
«Шалва Папуашвили ноджы иу хатт равдыста Украинайæн Гуырдзыстоны фарсхæцын æмæ украинаг адæмæн солидарондзинад. Фембæлдыл æрныхас кодтой, цæмæй фидæны æндæр æмæ æндæр информацийы тыххæй, æнæмбарындзинадæй хибахизынæн нысаниуæгджын у кæрæдзиимæ рагафон коммуникаци æмæ информаци баивд. Фембæлдыл афтæдæр æркастысты Евроцæдисы уæнгсуæвыны процессы Гуырдзыстоны æмæ Украинайы æмгуыстады æмæ фæлтæрддзинад кæрæдзийæн бацамынды фадæттæ. Фарсытæ æрныхас кодтой, æввахс бонты Гуырдзыстоны парламенты сæрдары визиты тыххæй Украинамæ», – дзырдæуы информацийы.