Шалва Папуашвили -  Уæрæсеимæ цыфæнды  абарст у  абсолютонæй  нæрайсгæ
Шалва Папуашвили - Уæрæсеимæ цыфæнды абарст у абсолютонæй нæрайсгæ

Цыфæнды абарст Уæрæсеимæ у абсолютонæй  нæрайсгæ, æнæруадзгæ æмæ  ницы уæлдай у, чи сараздзæн ацы абарст, фæнды гуырдзиаг  политик  фæнды  фæсарæйнаг дипломат, уый  гуырдзиаг адæм нæ  райсдзæн – афтæ сдзуапп кодта  парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы алæвæрд  «Актуалон сабат  – Мака Цинцадзеимæ иумæ»  акæнæгы фарстæн, цы уыдис  партнерты критикæйы, уый нымæцы  АИШШ-ы  минæвары æмæ  минæварады   арызт фидиуæнты  бындур, кæцыты фыст ис: «Кремлæй удцырынгонд», «Халхис Дзалайы»   закъонопроект  нæу америкаг закъоны  аналог  æмæ уый у   уырыссаг закъон, кæцыйæн  йæ нысан у æмбæстагон   дзыллæйы стигматизаци,  ныхъхъус  кæнын, хъæлæсты æмæ æндæр  цæстæнгасы  фæкъаддæр кæнын».

«Мæнмæ гæсгæ, уый хъуамæ æмбарæм алчи æмæ уый нымæцы минæвæрттæ  дæр.  Гуырдзыстоны абарст Уæрæсеимæ, бæстæимæ, кæцы оккупаци скодта Гуырдзыстоны  территориты хай, у нæрайсгæ  æмæ у гуырдзиаг адæмы æфхæрæн.  Уæлдайдæр ацы абарстæн  ницы  бындур ис. Мах ныхас кæнæм,  иу æрдгæй  Уæрæсейыл – бæстæйыл кæцыйы ис тоталитарон  режим№ иннæрдгæй  та,  демократон Гуырдзыстоны кой кæнæм  æмæ уый  ма фенын  гæнæн, цæмæй  афтæ ма   уа æмæ дис кæнын, ахæм абарстытæ  куы  кæнынц  уæд. Ноджы иу  хатт зæгъдзынæн, цæмæй Гуырдзыстоны абарст Уæрæсеимæ  у нæрайсгæ  æмæ уый алчи хъуамæ бамбарæт. Уыимæ Гуырдзиаг адæм   нæ бафидаудзæн» – райхъусын кодта  Папуашвили.

Парламенты сæрдар ныфс  равдыста, ома фидæны, уый нымæцы   диплооматтæ  сæхи бауромдзысты  Гуырдзыстон кæнæ Гуырдзыстоны  хицауады политикон  инициативæты Уæрæсеимæ цыфæнды формæйæ абарстытæй.