Шалва Папуашвили – «техникон хицауады» къуыхцы  проекты фæстæ, оппозицийы  радикалон хай, «техникон парламенты» проектыл арздæхти, кæцы æвзæрст  парламенты делегитимацийы  архайд у
Шалва Папуашвили – «техникон хицауады» къуыхцы проекты фæстæ, оппозицийы радикалон хай, «техникон парламенты» проектыл арздæхти, кæцы æвзæрст парламенты делегитимацийы архайд у

Бæрæг у, цæмæй  «техникон  хицауады»   къуыхцы  проекты  фæстæ оппозицийы   радикалон    хай, ныр  «техникон парламенты»  проектыл  кусы, кæцы   адæмы æвзæрст  парламенты  делегитимацийы архайд у æмæ  конституцион  уагæвæрдимæ тынг тæссаг хъазт, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  абоны брифингыл райхъусын кодта.

Шалва Папуашвили  куыд банысан кодта афтæмæй,   парламенты  нырид æртæ къуыри у, активон куыст цæуы  Европаг Советæй  лæвæрд 12   приоритетыл, фарстатыл  кусынмæ парламенты сæйраг  комитеттæй  сбæрæг сты,  юридикон фарстаты,  адæймаджы барты, процедурон  æмæ   хъахъхъæнынады æмæ  æдасдзинады  комитеттæ, афтæма  гендерон  æмсæрады  совет, кæцытæ нырид  сæ куыстмæ рывнæлдтой.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ комитетты æмæ  кусæн   къордты  куысты активон хайад исынц  аст  парламентон  къордæй  фондз – «Гуырдзиаг Бæллицц», «Гирчи», «Европаг Социалисттæ», «Æмбæстæгтæ»  æмæ «Гуырдзыстоны тыххæй», æрмæст  парламентон форматы  кусыныл не  сразы сты  æртæ парламентон къорд –  «Националон Змæлд»  «Лело»  æмæ  «Стратегиа Агъмашенебели».

Шалва Папауашвилийы  фидиуæнæй,  зæгъгæ Европарламентариты  уынаффæмæ  нæкæсгæ, ома  фылдæртæ  æмæ  оппозици иумæ бакуыстаиккой   рекомендацитæ сыххæстыл, “Националон Змæлд”, “Лело” æмæ “Стратегиа Агъмашенебели”  сарзытой  сæрмагонд   кусæн формат æмæ   параллелонæй, сентябрьмæ  хъавынц   политикон радикализаци æмæ уынгты  акцитæ.

Афтæма йæ  дзырдæй,   ахæм  политикон  хæдархайд  цырын кæны  политикон поляризаци  æмæ комкоммæ  йæ ныхмæ у   Европаг Советы  бавдыст 12  пунктæй  тæккæ  фыццагæн, – деполяризацийæн.