Шалва Папуашвили - тæрхонгæнджыты ныхмæ кампанийы тыххæй, оппозицийæ, «энджэотæй» æмæ иуæй-иу минæварадтæй хатыры ныхæстæм хъусын бæсты, уынæм позици цæмæй мах хъуамæ аскъуынæм конституци
Тæрхондоны реформæйы фарстайыл оппозицийы, æнæхицауадон секторы æмæ нæ фембæлдты рæстæджы кæддæриддæр къæйных сæвæры фарст, зæгъут нын тæрхондоны уынаффæты цæвиттон, кæцы æвдисы цыдæр системон проблемæтæ æмæ нæу рæстаг, æмæ нæу сæ бон иунæг цæвиттон æрхæссын дæр, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили загъта журналисттæн.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ «ветингмæ» гæсгæ темæ фылдæрты æрдгæй æхгæд у.
Шалва Папуашвилийы ныхасмæ гæсгæ, зæгъгæ оппозици, «энджеотæ» фембæлдтыл уымæн нæ радзурынц иунæг цæвиттоны дæр, æмæ алы хатт сæхæдæг разынынц зылынтæ.
«Нырид иу афæдз рацыд, уæлдайдæр 12 рекомендацийыл кусыны форматы афтæдæр нын куы уыдис фембæлдтæ, алы хатт иу бафарстам. Хорз, уыцы моменты нæ зонынц, уæдæ сæ бон куы у иннæ хаттмæ уæддæр бацæттæ уой æмæ нын зæгъой иу цæвиттон уæддæр. Зонут цæмæн нын нæ радзурынц?! Уымæн æмæ ныры онг цы бавдыстой, уый æппæт хъуыддæгты сæхæдæг разындысты зылынджын.
Саакашвилийы хъуыддаг, Мелиайы хъуыддаг, Угулавайы хъуыддаг… хъуыддæгты ис алкуыран, кæцыты иу фæстагмæ фæбæрæг ис, цæмæй гуырдзиаг расттæрхон уыд раст æмæ уыдон та, политизацийы йæ чи зылынджын кодта, уыдон та сайдтой. Ныр мах, оппозицийæ, «энджеотæй» æмæ иуæй-иу минæварадтæй фæсмоны æмæ хатырты ныхæсты бæсты, уымæн æмæ уыдон хайад истой ацы дискредитацион кампанийы, ныр уынæм цæмæй цыдæр арогантон позици, ома мах хъуамæ аскуынæм Гуырдзыстоны конституци, ферох кæнæм нæ хæдбарад, зæгъæм цæмæй мах стæм адæм кæцы не сты сæрмагонд бæстæйæн хицау кæныны хъом æмæ нæм нæ иуæй-иу æмбæстаг куыд сидтис, ома дам нæ иу къахыл слæууын куы æркурой хъуамæ слæууæм.
Мæнæ ахæм слоганæй рацыдысты æвзæрстытæм 2024 азы 26 октябры. Ацы слоганæй фæцæуы оппозици – слæууæм нæ иу къахыл, цы нын зæгхой уый саразæм. Æцæгæй Ацы слоганæй хъавныц уыдон æвзæрстытæм рацæуын æмæ цы дзуапп райсдзысты, уый фендзысты», – райхъусын кодта Шалва Папуашвили.