Шалва Папуашвили Сомихыстоны æдасдзинады советы нымæрдар, Армэн Григорянимæ фембæлдис
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили фембæлдис Сомихыстоны æдасдзинады советы нымæрдаримæ Армэн Григорянимæ.
Шалва Папуашвили «Фейсбукы» фарсыл куыд фыссы афтæмæй, фембæлдыл цалдæр фарста æркастысты, сæ нмыцы фæныхас кодтой регионы цæугæ фæзындтыл.
«Фæстиуæгджын фембæлд мын уыд Сомихыстоны æдасдзинады советы нымæрдар Армэн Григорнимæ. Фæныхас кодтам регионы цæугæ фæзындтыл. Сомихыстон æмæ Азербайджаны æхсæн сабырадон бадзырдмæ баххæссыны нысаниуæгыл. Банысан кодтон цæмæй Гуырдзыстон кæддæриддæр цæттæ уыдзæн, йæ къух сараза регионы сабырдзинадæн. Хъусдард раздхтам «Астæу Кæълидоры» рæзгæ нысаниуæгмæ æмæ экономикæйы диверсификацийы фадæттыл. Армэн Григорян Гуырдзыстонæн раарфæ кодта Еврокомиссиы æвæрццаг рекомендацийы райст Евроцæдисы уæнгдзинады кандидаты статус фæдыл» – фыссы Шалва Папуашвили.