Шалва Папуашвили Словакийы ногнысангонд минæваримæ базонгæйы равгы фембæлд ауагъдта

13:58, 20.11.2023

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  Гуырдзыстоны Словакийы  Республикæйы ногнысангонд минæвар Матуш Бушовскиимæ  базонгæйы равгы  фембæлд ауагъдта.   Уый фæдыл  информаци, парламенты  пресс-куыст  хъусын кæны.

Афтæма сæ хъусинагæй, Шалва ПАПуашвии  Матуш Бушовскийæн минæварæй снысаны фæдыл раарфæ кодта.

«Фарсытæ  æвæрццаг аргъ скодтой Гуырдзытсоны æмæ Словакийы æхсæн  æмгуыстады динамикæйæн, уый нымæцы  бæрзонд рангы визиттæн.

Фембæлдыл дзырд уыдис гуырдзиаг-словакаг  дыууæфарсон  ахастытыл, Гуырдзыстоны прогрессыл  Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл, ацы æрдгæй  Гуырдзыстоны æнхъæлцытыл  æмæ регионы уæвæг уавæрыл .

Минæвар банысан кодта, ома Словаки йæ фарс  дары  Гуырдзыстонæн  евроцæдисмæ кандидаты статус алæвæрдæн  æмæ цæттæ у  баххуыс кæна Гуырдзыстонæн  алы хъæугæ æрдæмадæй» -банысангонд у  парламенты пресс-куысты информацийы.

Хуыздæр