Шалва Папуашвили  Швейцарийы райрæзты æмæ æмгуыстады агентады директоримæ Гуырдзыстоны сæххæст проекттæ афæлгæстой
Шалва Папуашвили Швейцарийы райрæзты æмæ æмгуыстады агентады директоримæ Гуырдзыстоны сæххæст проекттæ афæлгæстой

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  æмæ Швейцарийы  райрæзты æмæ  æмгуыстады агентады  директор  Патрициа Данци Гуырдзыстоны сæххæст  проекттæ  афлгæстой. Информаци  хъусын кæны  Гуырдзыстоны  парламенты  пресскуыст.

Ныхас уыдис социалон æмæ æрдзы  хъахъхъæды, хъæууон хæдзарады, ахуырады æмæ æндæр æрдæмадтæй  цæугæ   активондзинæдтыл æмæ  фидæн æмгуыстады фарстатыл.

Афтæма, фарсытæ афæлгæстой  Сау Денджызы æмæ Хуссар Кавказы  регионы  цæугæ  геополитикон  схуыстытæ, Гуырдзыстоны европаг   ингетрацийы  процесстæ æмæ бæстæйы  цæугæ   декмократон  реформæтæ.

 

Агентады директоры  дзырдæй,  Гуырдзыстон  зæгъгæ  фидæны дæр уыдзæн   Швейцарийы  активон куысты  иуæй-иу приоритетон бæстæ.  Парламентон делегацийы  сконды, кæцыйæн парламенты сæрдар  Шалва Папуашвили къухдаругæ кæны, афтæдæр сты  ице-спикер  Гиорги Кахиани, юридикон фарстаты комитеты  сæрдар Анри Оханашвили, æнæниздзинад хъахъхъæды æмæ социалон фарстаты   комитеты   сæрдар Заза Ломинадзе  æмæ парламенты уæнг  Кетеван  Чарквиани.