Шалва Папуашвили – Швейцарийы  Конфедерацийы Националон Советы президентæн раарфæ кодтам Женевæйы форматы  медиацийы  тыххæй
Шалва Папуашвили – Швейцарийы Конфедерацийы Националон Советы президентæн раарфæ кодтам Женевæйы форматы медиацийы тыххæй

Гуырдзыстоны  парламенты  сæрдар Шалва Папуашвили  хъусын кæны, цæмæй  Швейцарийы   конфедерацийы   националон  советы президент Эрик  Нусбаумеримæ  фембæлдыл   дыууæ бæстæйы   ахастытыл фæныхас кодта.

Шалва Папуашвли куыд банысан кодта афтæмæй,  делегацийы  уæнгтæ бузныг загъдтой  Швейцарийæн Женевæйы форматы медиацыийы тыххæй.

 

«Швейцарийы  фарсхæцыны сгуыхтдзинад уый у, цæмæй   регионы   уæвæг   уæззау   ситуацийы æмæ расидты  фæдыл Гуырдзыстон  раст ахæм  инструментæй спайдайæ  стабилондзинады æмæ сабырады бахъахъхъæнын фæразы. Ныхас уыдис  парламентон ахастытыл.  Мæ  колегæ  Гуырдзыстоны дыууæ азы  размæ уыд, йеуæд  парламенты сæрдар  нæ уыдис, фæлæ   делегацийы  уæнг уыд, Тбилисмæ  йæ визит æрымысыдыстæм. Афтæма  фæныхас кодтам æхсæнпарламентон  аппаратты  æмгуыстадыл.  Сæрмагондæй та, фæсивæды хайадыл парламентон куысты.   Ацы æрдгæй  Швейцарийæн ис  дзæбæх  фæлтæрддзинад æмæ ацы фæлтæрддзинадимæ  стыр цинæй  базонгæ уыдзыстæм»с- райхъусын кодта Шалва Папуашвили.

 

Уыимæ,  Швейцарийы   национ  советы  президент Эрик Нусбаумер  куыд райхъусын кодта афтæмæй,   фембæлд Швейцарийы  æмæ Гуырдзыстоны æхсæн уæвæг  ахастытæм æххæссыд.

 

«Гуырдзыстонмæ фæуазæг дæн 2022 азы.  Фембæлдыл дыууæфарсон  бадзырдты, экономикон   райрæзты æмæ геополитикон   уавæры фæдыл   тынг  бирæ  фарста  æркастыстæм.   Тынг дзæбæх фембæлд уыд», – райхъусын кодта  Эрик Нусбаумер.