Шалва Папуашвили – санкцитæ Гуырдзыстоны ныхмæ Уæрæсейæн уыд фидаргонд, уыдон сфидар кæнын æмæ аивын дæр Уæрæсейы фараста у, уымæ махæн ницы æндæвдад уыдаит

18:09, 10.05.2023

Адон сты санкцитæ,  кæцытæ  Уæрæсе сфидар кодта Гуырдзыстонæн æмæ ацы санкциты сфидар æмæ аивд дæр  у  Уæрæсейы фарста  æмæ уыдонмæ махæн исты  æндæвдад нæ уыдаит, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоныпарламенты сæрдар   Шалва Папуашвили  Уæрæсейы  æрдгæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн   æнæвизæ дыууæрдæм змæлд сфидар кæныны æмæ Уæрæсеимæ комкоммæ тахтытæ  сæндидзын  кæныны  уынаффæйыл комментарийы рæстæджы райхъусын кодта.

«2019-2020  азты  нæ  партнертæ  сидтысты Уæрæсемæ, цæмæй Гуырдзыстонмæ гæсгæ  ацы   санкцитæ  куыд визæты æрдгæй афтæ  тахтыты æрдгæй  дæр  аивдтаит. Ацы цауы  хаст уыдис ахæм уынаффæ. Гуырдзыстоны   дыууæ  цыдæр райъхусын кодта дырысæй, ома мах Европаг  куырдиаты фæдыл  цæуæм  намысджынæй.  Афтæма Гуырдзыстон нæ бауыдзæн  территорийæ, кæцыйыл гæнæн уыдзæн, цæмæй  кæцыфæнды юридикон кæнæ физикъон уæнг уыцы санкциты иуæфарс  ацæуа,к æцытæ  сфидар кодтой  Уæрæсейæн   æмæ   Гуырдзыстон ацы  дзырдлæвæрд намысджынæй  æххæст кæны.

Гуырдзыстон нæ хъавы  дыууæфарсон  санкцитæ  сфидарк æнын Уæрæсейæн  æмæ ацы принципæй архайæм.  Хъуыды кæнын цæмæй  æхсæнадæмон    æмгарад, афтæма нæ  цæрджыты бауырныдта, цæмæй   ай у  сеппæтæй цæсгомджын ахаст – иу æрдгæй   намысджын  стæм уыцы   æхсæнадæмон тыхархайды раз,к æцы йæ  хъуыдыйы  дары санкциты   арæнæвæрдтæй  Уæрæсейы тыхыбын бакæнын, цæмæй ныууадза  агрессивон хæст  Украинайы. Иннæ рдгæй та,  уæлæмхасæй  дыууæфарсон санкцитæ  нæ фидар кæнæм   нæхи цæрджыты  националон интерестæм гæсгæйæ, цæмæй ма рцæуа ахастыты эскалаци, уымæн æмæ цæй зæгъын æй хъæуы  Гуырдзыстон, Уæрæсеимæ гарзджын конфликты райрæзгæ  рискы раз та  лæууы. Уый тыххæй  нæ националон  интересмæ æмблгæйæ,  ахастыты  эскалаци не руадздзыстæм», – райхъусын кодта  Папуашвили.

Хуыздæр