Шалва Папуашвили – Раззаг æнусы 20-æм азтæй хъауджыйæ, абон бирæ тыхджындæр стæм, амалхъом стæм æмæ нæм ис нысан, кæрон скæнæм оккупаци, сæгас кæнæ бæстæ
Раззаг æнусы 20-æм азтæй хъауджыйæ, абон бирæ тыхджындæр стæм, амалхъом стæм æмæ нæм ис нысан дæр, кæрон скæнæм оккупци, сæгас кæнæм бæстæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Советон оккупацийы бонмæ гæсгæ социалон хызаджы фыссы.
Ацы бон Гуырдзыстоны Историйы иуæй-иу сегасдæр уæззау бон æмæ трагикон у – Гуырдзыстоны Фыццаг Республикæйы саст Советон режимы ныхмæ æмæ гуырдзиаг паддзахады оккупаци. Нæкæсгæ гуырдзиаг патриотты стыр тыхархайдмæ уæды ногарæзт Репсубликæ нæ бафæрæзта йæ ныхмæ слæууын хæрам тыхæн, кæцы нæ бæстæйæн скуынæг кодта райрæзы æмæ сæрибардзинады персппективæ.
Оккупаци абон дæр дарддæр кæны. Хæдбарад ногæй рацаразыны фæстæ Гуырдзыстон та тыхыбын баис æнæмбæрц тыхтæй тохмæ бахизын. Абон дæр нæ паддзахады незаманы хай оккупацигонд у.
Раззаг æнусы 20-æм азтæй хъауджыйæ, абон бирæ тыхджындæр, суверенон æмæ ныфсджын дæр стæм. Амалхъом стæм æмæ нæм ис нысан дæр, кæрон скæнæм оккупци, сæгас кæнæм бæстæ æмæ ноджы стынгдæр кæнæм гуырдзиаг паддзахады суверенитет», – фыссы Папуашвили Фейсбукы.
25 феврал советон оккупацийы боныл Гуырдзыстоны парламенты уынаффæйæ æрцыд нымад.