Шалва Папуашвили раныхас кодта Китайы æдтаг хъуыдтæгты университеты
Шалва Папуашвили раныхас кодта Китайы æдтаг хъуыдтæгты университеты

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Папуашвили Шалва Китайы æттаг хъуыдтæгты университеты ралæууыд.

Китайы æттаг хъуыддæгты университет (CFAU) у паддзахадон университет Пекины, баст у Китайы æдтаг хъуыддæгты министрадимæ æмæ зындгонд у куыд «Китайаг дипломатты авдæн». Университет цæттæ кæны профессионалты дипломатийы, æхсæнадæмон ахастыты æмæ æхсæнадæмон барады фадгуыты.

Папуашвили Шалва йæ раныхасы бахахх кодта Гуырдзыстоны парламентон делегацийы Китаймæ фыццаг визиты нысаниуæгдзинад æмæ Гуырдзыстон æмæ Китайы æхсæн рæзгæ стратегион партнердзинад.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, дунейы трансформацион процесстæ цæуынц æмæ ныры змæст уавæры, Гуырдзыстон у сабырад æмæ размæцыды сакъадах.

Папуашвили Шалва афтæ дæр фæныхас кодта Гуырдзыстоны хицауады тыхархайдтытыл, кæцытæ здæхт сты националон интерестæ æмæ суверенитет хъахъхъæнынмæ.

Парламенты сæрдар афтæ дæр банысан кодта Гуырдзыстоны стратегион географион бынат æмæ бастдзинады стыр потенциал.

Фембæлд Шалва Папуашвилийы Китайы Адæмон Республикæмæ официалон визиты фæлгæтты сырæзт. Парламенты сæрдаримæ иумæ уыдысты Гуырдзыстоны парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг, Гуырдзыстон-Китай парламентон хæлардзинады къорды къухдариуæггæнæг Гиоргий Вольски æмæ æттаг ахастыты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе.