Шалва Папуашвили – Парламентæн легитимондзинад лæвæрд цæуы уыцы адæймæгтæй, кæцытæ сæ ахаст ирдæй равдыстой, чи хъуамæ уа парламенты фылдæры хайæ, нæ фæстæ сты адæм
Парламентæн легитимондзинад лæвæрд цæуы уыцы адæймæгтæй, кæцытæ сæ ахаст ирдæй равдыстой, кæцытæ парламенты фылдæры хайы хъуамæ уой – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Папуашвили Шалва расидтис.
Папуашвилийы ныхасмæ гæсгæ, иуæндæсæм æрсидты парламент тагъд рæстæджы адæмы номæй æрæмбырд уыдзæн.
«Оппозицийы парламентæн легитимондзинад дæттыны фарстмæ та цы хауы, уыдон дзæгъæлы ныхæстæ сты, уымæн æмæ парламентæн легитимондзинад дæтты адæм. Ацы легитимондзинад 26-æм октябры адæм радта нæ парламентæн, се æхсæн ирдæй равдыстой сæ ахаст, чи хъуамæ уа ацы парламенты фылдæры хайы. «Гуырдзиаг Бæллиццы» уырнинагæй фæуæлахиз ис 54 процент æмæ иу милуан сæдæ дыууын мин хъæлæсæй. Адæм лæууынц нæ фæстæ, æмæ адæмы номæй тагъд рæстæджы иуæндæсæм æрсидты парламент æмбырд кæндзæн æмæ иннæ цыппар азмæ уый уыдзæн нæ бæстæйы сеппæтæй уæлдæр минæварон орган», -расидтис Папуашвили Шалва.