Шалва Папуашвили – оппозицийы æмæ æнæхицауадонты хай нын æнхъарынц бадзырд нæ фæлæ, цæмæй сын сæ коммæ кæсæм, кæцы у ультиматумтæй дзырд
Рекомендациты фыццаг пункт уымæй райдайы ома хъуамæ фæкъаддæр уа поляризаци, оппозицийы бæрæг хай æмæ цалдæр æнæхицауадон организаци фыццаг цы сарызтой уыд, ацы документ систой æмæ архайынц уымæй поляризаци фæарфдæр кæнын, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Шалва Паупашвили райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ хицауады рард æмæ бæрн у, цæмæй фæнысангонд 12 пункт сыххæст уа.
«Афтæ зыгъуыммæ бамбарын европагдзинады, Гуырдзыстоны европаг тырнынад, Евроцæдисмæ нæ ахаст, уый амонæг у,ц æмæй уый фæсты гæнæн ис æрмæст иу цыдæр уа, исты амæлттæй дискредитаци скæной процесс, кæцы баст у ацы рекомендациты сыххæстимæ. Рекомендациты тыххæй куы зæгъæм уæд, ис 12 æрдæмад, миниуджытæ сты бæрæг, кæй зæгъын æй хъæуы, хицауады бæрн у ацы рекаомендациты сыххæст кæнын. Уый тыххæй сбæрæг кодтам тынг æргом æмæ конкретон график, кæцы иу мæйыл æмæ мæйтæ амонгæйæ нæ фæлæ конкретон бонтæ бавдисгæйæ у, кæд уыдзæн иницирдзинад, райст, цавæр уыдзæн формат, цæмæй уа процесс инклюзивон. Æнхъарæм инклюзивон процесс, цæмæй æрныхас кæнæм, бакæсæм цы фарстатыл ис гæнæн æрдзурын, уыдон та нын æнхъарынц ультиматумты процесс, куы дзурынц, цæмæй нын ис конкретон мидис бæрæг, законопроект кæнæ цыдæр идея, кæцы парламент хъуамæ райса, фидаугæ нæ фæлæ, уыдон нын æнхъарынц бадзырд нæ фæлæ, уыдонæн коммæкаст нæ домынц, кæцы у ультиматумтæй ныхас æмæ йæ ныхмæ у æнæхъæрæй мидисæн, уый нымæцы ацы рекомкендациты, цæмæй уа инклюцивон процесс», – загъта Папуашвили.