Шалва Папуашвили -  Ныфс нæ  ис,  афæдзы  кæрон Евроцæдис статус  раттыны  уынаффæ рахæсдзæн
Шалва Папуашвили - Ныфс нæ ис, афæдзы кæрон Евроцæдис статус раттыны уынаффæ рахæсдзæн

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Паупашвилийы   фидиуæнæй,   æнæхицауадон  организацитимæ  фембæлдыл, Евроцæдисы бавдыст  рекомендациты фæдыл   фæныхас кодтой.  Афæтма й дзырдæй, зæгъгæ, банысан ис  цы хуызы  куыст  ракодта парламент  уыдоны сыххæст кæнынæн  парламент  æмæ цы  этапыл ис процесс ацытæккæ.

«Зонут цæмæй баззадис ма дзы омбудсмены  æмæ  юстицийы  барзонддæр советы æнæтæрхонгæнæг уæнгты сывзарын.  Нысаниуæгджын у, алы политикон  къорд  уа  удцырын,   фракцийы æрныхас кæнынмæ.  Стыр ныфс нæ ис, уалдзæгон сессийы  дæргъы  æрныхас кæндзыстæм.

Афтæма  дыууæ  проект ис, иу у  тæрхонон реформæты  пакет, иннæ –  деолигархизацийы  фæдыл проект,   кæцыйыл   хатдзæгмæ æнхъæлмæ кæсæм.  Официалонæй  у бæрæг, цæмæй  марты уыдзæн хатдзæгн  æмæ куыддæр дзы Венецийы Комиссийы  хатдзæг уыдзæн, ацы дыууæ æрдæмады  фæдыл   уынффæтæ сног кæндзыстæм – райхъусын кодта  Шалва Папуашвили.

Уыимæ,  Папуашвили куыд  банысан кодта афтæмæй,  Гуырдзыстоны фæдыл Еврокомиссийы хыгъдлæвæрдæй  бæрæг у, цæмæй  Гуырдзыстон, нырма  июны уыдис кандидаты  статусы   аккаг.

«Ацы бонты  федтам  Еврокомиссийы  аргълæвæрд, кæцы  уыд   фарстыты анкетамæ гæсгæ.   Мæнмæ гæсгæ,   дзыллæйы бауырныдта, цæмæй Гуырдзыстон  нырма   июны  уыдис  кандидаты  статусы аккаг.  Хæдæгай,  ацы аргълæвæрдтæ  абарстам   кандидат бæстæимæ. Дæнцæн Босни-Герцоговинæимæ, кæцы  декабры райста   статус, уымæй  дæр  банъкаринагæй   æнтыстджын стæм  нæ бæрæггæнæнтæй.  Уый  тыххæй  Гуырдзыстоны   июны дæр уыдис   кандидаты  статусы аккаг,  алы бон у æнæраст  Гуырдзыстонмæ  гæсгæ. Уый тыххæй  нæ  ныфс ис, ацы  аз Евроцæдис статусы раттын аскуыддзаг  кæндзæн», –   банысан кодта  Шалва Папуашвили.