Шалва Папуашвили – ныфс мæ ис, иннæ дæс азы мидæг, Евроцæдисы æмæ НАТО-ы бæллиццаг тырыса фæйлаудзæн Гуырдзыстоны уæларвы
Гуырдзыстон Евроцæдис æмæ НАТО-йы уæнгæй суæвын эконмоикон фарны æмæ æдасдзинады гарантитыл нымайы æмæ гуырдзиаг адæмы ацы æвзæрст Гуырдзыстоны конституцийы у æвдыст – райхъусын кодта парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Румынийы, евроатлантикон фæразондзинады центры дзырдæй ралæуды рæстæджы.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон, куыд евроцæдисы æмæ НАТО-ы æууæнкаг æмæ бæрнон партнер, кæддæриддæр цæттæ у, хайбавæрд скæна европаг æмæ евроатлантикон æдадсзинады Уæрæсейæ дзуаппон архæйдтыты реалон тасмæ нæкæсгæ.
Папуашвилийы аргълæвæрдæй, азты дæргъы, Гуырдзыстон нысаниуæгджын прогрессмæ æрцыд НАТО-йы уæнгсуæвыны фæндагыл æмæ бирæ æрдгæй, афæт архайы, куыд альянсы уæнг бæстæ.
Афтæма йæ дзырдæй, «Картули Оцнебайы» хицаудзинады дæргъы, Гуырдзыстон бафыста ассоциацидзинады æмæ уæгъдибар базарады хардзтæ æмæ баххæссыд Евроцæдисимæ æнæвизæ дыууæрдæм змæлды режим скусын кæнынмæ.
«Æнхъæл стæм, цæмæй Гуырдзыстоны прогрессæн æмбæлгæ арглæвæрд уыдзæн æмæ æмбæлгæ уынаффæтæ уыдзæн заст сгуыхтдзинадыл бындурæвæрд балæудмæ гæсгæ æмæ уæрæх геополитикон фаткортæ хынцгæйæ. Нысаниуæгджын у, цæмæй макуыуал æрццæуы Гуырдзыстоны негативон дифферинциаци Украина æмæ Молдовæйы Республикæйæ. Гуырдзиаг адæм æмæ хицауад æнхъæл сты, цæмæй ацы аз Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыдзæн кандидаты статус. Афтæма, æнхъæл стæм, цæмæй Евроцæдисы уæнгсуæвыны бадзырдтæ райдаудзысты Гуырдзыстонимæ, Украина æмæ Молдовæйы Республикæимæ иумæ. Ацы къахдзæфтæ адæмæн ратдзысты нысан баиу кæнынæн æмæ ацы æнæбæрæг периоды, хуыздæр фидæны ныфс ратдзысты», – райзхъусын кодта Шалва Папуашвили æмæ ныфс равдыста, цæмæй «иннæ дæс азы мидæг Евроцæдисы æмæ НАТО-ы бæллиццаг тырыса фæйлаудзæн Гуырдзыстоны уæларвы».