Шалва Папуашвили -  Ног парламентон каналы бындурæвæрдæй райдайæм æххæст кæнын гуырдзиаг демократийæн нысаниуæгджын инициативæ
Шалва Папуашвили - Ног парламентон каналы бындурæвæрдæй райдайæм æххæст кæнын гуырдзиаг демократийæн нысаниуæгджын инициативæ

Æхсызгон мын  у уый æмæ Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæгы  ног, парламентон каналы бындурæвæрдæй  гуырдзиаг демократийæн нысаниуæгджын  инициативæйы æххæст кæнын райдайæм, –  загъта парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  Гуырдзыстоны парламенты æмæ Æхсæнадон Уацхæссæгы  æмгуыстады фæдыл  меомрандум  бафыссыны мадзалыл.

Афтæма йæ  фидиуæнæй,  демократон  æхсæнадæн  æууæнкджын   информацийы комкоммæ рæувадатдзинад, цæрынæн ахсджиаг у.

Шалва Папуашвилийы аргълæвæрдæй, Гуырдзыстоны медиаæрдз  абон   уый йас сæйрибар у куыд никуы  раздæр, фæлæ демократон  паддзахады дзырды сæрибары стандарттæ  иудадзыг   бæрзонддæр къæпхæнмæ хъуамæ хизæт.

«Гуырдзыстоны парламент  æргомдзинадæй  иуæй-иу  лидер у дунейы закъондæттæг оргæнты æхсæн, кæцы æнæиухатт  уыд банысангонд  æргом хицаудзинады партнерты æрдгæй.  Абон парламентон  каналы байгомæй,  парламенты  куыстыл  комкоммæ  æхсæнады контрол  ноджы  хуыздæр кæны.  Политикæйæ интересджын  æмбæстæгтæм удзæн фадат,  æнцонæй  бацахуыр кæной  нæ  парламенон царды  перипетитæ  æмæ æмбæлгæ  хаддзæгтæ скæнын  комкоммæ  кæсгæйæ»-  райхъусын кодта парламенты  сæрдар.

Афтæма йæ дзырдæй,  зæгъгæ æнæиухатт банысан ис, цæмæй  гуырдзиаг политикон   спектр  поляризацигонд у.

«Ныфс дарын, цæмæй  ног Канал йæ хайбавæрд скæндзæн  поляризацийы фæкаддæры, уымæн æмæ  æмбæстæгтæн сæ бон уыдзæн, политикон интерпретацитыл баууæндыны бæсты, сæхи цæстæй феной æмæ сæхи интуицийæ аргъ скæной  Гуырдзыстоны парламенты бавдыст политикон тыхты  позицитæ, ныхæстæ æмæ  хъуыддæгтæ.

Фæнды мæ стыр бузныг зæгъын  Æхсæнадон Уацхæссæгæн, йæ  æвджиддар советæн фæстиуæгджын  æмгуыстады тыххæй, афтæдæр мæ фæнды, стыр  бузныг зæгъын   парламенты аппараты кухдариуæгадæн, æхсæнадимæ аастыты æмæ  информацийы департаментæн, кæцы  Æхсæнадон Уацхæссæгимæ иумæ  ацы  идея техниконæй сыххæст фадаты онг фæхæццæ  кодта æмæ абонæй  Гуырдзыстонæн «Парламенты Канал»  нырид эфиры лæвæрд уыдзæн», –  загъта Шалва Папуашвили.

Меморандумыл къух бафыстой, парламенты сæрдар шалва Папуашвили æмæ Æхсæнадон Уацхæссæгы  генералон директор  Тинатин Бердзенишвили. Меморандуммæ гæсгæйæ,  «Парламенты Каналы» скусын кæныны æмæ куысты  техникон-технологион  ифтонгад цæудзæн  æмæ абонæй  парламентон мадзæлтты комкоммæ трансляци  райдайдзæн.

Æхсæнадон Уацхæссæг  «Парламенты Каналы» куысты теникон  ифтонгад лæвар æххæст кæндзæн.