Шалва Папуашвили – ноджы иу хатт сидын алы доннормæ æмæ фæсарæйнаг актормæ, кæд сын бамбæхсинаг ницы ис гуырдзиаг адæмæй, уæд фондз минутхъæуы, цæмæй NED-ы æ æмæ EED-ы проекттæ раргом кæной
Ис хуымæтæг, пропагандистон, дезинформацион штурм Гуырдзыстоны цæрджыты ныхмæ. Фæнды сæ, цæмæй хъæргæнгæйæ, слогантæй æмæ лозунгтæй бамынæг кæной уынаффæ. Уый хуымæтæг «кгб»-ы методтæ сты, кæцытæй пайда кæнынц. Ацы контексты нысаниуæгджын у фæсарæйнаг акторты ахаст Гуырдзыстонмæ, – уый фæдыл – райхъусын кодта Гуырдзыстоны парламенты сæрдар.
Йæ дырдæй зæгъгæ дыууæ къуыри у, ацы фарстаты алыварс куы цæуы уынаффæ. Папуашвилийы ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ кæд сæ сагъæс реалон у, уæд сæ цы хъыгдары, раргом кæной «демократийы националон фонды» (NED) æмæ «Европæйы Демократийы фонды» (EED) проекттæ Гуырдзыстоны.
«Ноджы иу хатт сидын алы доннормæ æмæ фæсарæйнаг актормæ, кæд уыдон зæрдахæлар сты се ргомдзинады позицийы, ома ницы æмбæхсынц гуырдзиаг адæмæй, фондз минут хъæуы цæмæй NED-ы æмæ EED-ы проекттæ раргом кæной. 2022 аз, 20023 аз, цæугæ проекттæ ницы сæ акуылымпы кæны. Ныр пурти сæ къухты ис, цæмæй равдисой гуырдзиаг адæмæн, ома уыдон зæрдæхæлар сты сæ ахасты адæммæ», – банысан кодта Папушавили Шалва.