Шалва Папуашвили – Нæ фæндон у сæйраг горæты мертæм кандидат уа Каха Каладзе
Арчил Талакъвадзейы мэртæм кандидатурæйæ бавдисыны фæдыл информаци раст нæу. Ис нын нæхи кандидат мертæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, кандидат уыдзæн Кахи Каладзе, – уый фæдыл парламенты ахуырады комитеты сæрдар Шалва Папуашвили райхъусын кодта.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæйæ, нæ æмбæстæгтæ уынынц, цæй йас фезмæлдтæ уыд Каха Каладзейы мерæй уæвыны рæстæджы Тбилисы, уынут цавæр урбанон фезмæлдтæ ис экологион кæнæ инфраструктурон æрдæмадæй», – райхъусын кодта Папуашвили.
Фарстыл: « бæрæг у æви нæ Каладзейы мертæм кандидатурæйы фарста», Папуашвили дзуапп ратта, цæмæй сæ фæндон у, сæйраг горæты мертæм кандидат уа Каладзе.
«Разæвзарæнон кампани куы райдайдзæнис, уæд йæхæдæг Каладзе аскуыддзаг кæндзæн, фæнды йæ æви нæ ацы тохмæ бахиза, æмæ нæхи фæндон у, «Гуырдзиаг Бæллиццæй» мертæм кандидат уа Каладзе», – банысан кодта Папуашвили.