Шалва Папуашвили – хæсты алы бон у фыдохы бон
Шалва Папуашвили – хæсты алы бон у фыдохы бон

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар  Шалва Папуашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ  Украинайы горæт  Бучайы  æмæ æндæр горæтты  æрцæугæ  цауты æвдисæг  къамты феныны фæстæ эмоциты тыххæй радзурын  тынг уæззау  у.

«Зын у бацагурай ныхæстæ, кæцы  дын ратдзæн фадат эмоциты тыххæй  радзурын, кæцы эмоцитæ фæзыны алы адæймагмæ  уыцы   къамтæ феныны фæстæ, кæцыты а дыууæ боны  уынæм бучайæ æмæ æндæр горæттæй.  Растдæр  уый тыххæй  Гуырдзыстон у  автор   æхсæнадæмон тугтæрхонгы барады  тæрхондонмæ куырдиаты автор, цæмæй  хæсты фыдаркæндтыл  райдыдтаит фæдагуырд. Ныр нысаниуæгджын у, цæмæй   æмбæлгæ  æхсæнадæмон  организацитæ  бынатмæ ныццæуой, фарстатæ  сфыссой, æмбæлгæ  æрмæджытæ  бамбырд кæной æмæ ай æппæтæн раттой  барадон дзуапп.  Растдæр уый тыххæй  бахастам куырдиат  æхсæнадæмон   тугтæрхоны барады  тæрхондонмæ» – райхъусын кодта  Шалва Папуашвили.

Папуашвилийы дзырдæй, хæсты алы бон у фыдохы бон æмæ дзыллæ æрвылбойнонæй  Украинайы  цæугæ   трагедитæ уыны.

«Хæсты алы бон у цæй зæгъын æй хъæуы фыдохы бон  у.  Хъыгагæн  оппозицийы  хайы æрдгæй  ноджы  иу хатт  ис  архайд, фарстатæй  манипуляцитæ кæнын.  Алы  бон у  фыдохы бон  æмæ алы бон уыцы таргеди уынæм.  Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ «Националон Змæлд» кæцы иу  вæййы  ахæм  инициативæты  автор, нæдæр Украинайæ æмæ æнæдæр Гуырдзыстонæй цымидис кæны æмæ цæгæй  сæм нæдæр реалон æмæнкъард ис» –  райхъусын кодта  Папуашвили.