Шалва Папуашвили – кæд исчи цымыдис кæны, цы хуызæн у Европæйы цивилизацион æнæххæстдзинад, уæд хъуамæ бакæса знон Европарламенты рабадтмæ, дискуссийы бæсты - æгаддзинад, фактты бæсты - мæнгдзинад
Кæд æмæ исчи цымыдис кæны цы хуыазæн у Европæйы цивилизацион хъæндзинæдтæ, уæд уыдон хъуамæ бакæсой Европарламенты зноны рабадтмæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили социалон хызы фыссы.
Папуашвили куыд фыссы афтæмæй, нал у уыцы Европæ, кæцыйы æмсфæлдисджытæ гуырдзиæгтæ сты.
“Дискуссийы бæсты – æгаддзинад, фактты бæсты – мæнгдзинад, бæрндзинады бæсты – цивилизацион уæлдæрдзинады поза. Нал у уыцы Европæ, кæцыйы æмсфæлдисджытæ стæм мах, гуырдзиæгтæ”, – фыссы Папуашвили.