Шалва Папуашвили  Ильхам Алиевимæ  фембæлдис
Шалва Папуашвили Ильхам Алиевимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар  Шалва Папуашвили  Азербайджаны  Республикæйы  президент Ильхам Алиевимæ  фембæлдис.

Гуырдзыстоны парламенты пресс-куысты  информацийæ, Шалва Папуашвили  бахахх кодта  Азербайджаны  националон лидеры,  президент Гейдар  Алиевы бындарад Азербайджаны  фидар  паддзахады   саразыны æмæ   Хуссар Кавказаг   стратегион проектты  сыххæсты.

Афтæма сæ информацийæ,   парламенты  сæрдар Ильхам Алиевæн  бузныг загъта   Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн хъæддых фарсхæцыны  æмæ йæ сæрмагонд хайбавæрды  тыххæй Гуырдзыстон-Азербайджаны  стратегион    партнерад фæарфдæры фарстайы.

«Фарсытæ  æвæрццаг аргъ скодтой  дыууæ бæстæйы æхсæн ахастыты  динамикæ.  Хъусдард здæхт уыдис   æнтыстджын  æмгуыстадмæ  энергетикæйы, транспорты, базарады æмæ æндæр  сферæты. Бахахх ис  базарады а.х.   астæу маршруты рæзгæ нысаниуæг   дыууæ  бæстæйы æмæ европæйы    энергоæдасдзинадæн.  Фембæлдыл ныхас уыд афтæдæр  регионы  цæугæ  фæзындтыл.  Фарсытæ равдыстой   регонон сабырдзинады, фарны æмæ стабилондзиндæн къухсаразыны  æрдгæй  æмгуыстад адарддæр кæнынмæ  цæттæдзинад»  – дзырæдуы информацийы.

Фембæлдыл уыдысты, парламенты вице-спикер  Арчил Талакъвадзе, парламенты  уæнгтæ Заур  Даргал æмæ Савалан Мирзоев.. афтæма Апзербайджаны  Гуырдзыстоны минæвар Зураб Патаридзе.