Шалва Папуашвили – Гуырдзыстонæн нысаниуæгджын уыд куыд Украинайæн фарсдарын, афтæ Гуырдзыстоны сабырдзинад бахъахъхъæнын æмæ сæвзæргæ кризистæй нæ цæрджыты баиргъæвын
Уæрæса агресси Украинайы ныхмæ дæсгай мин адæймагы цард ахаста, нæкæсгæ уымæ, æмæ Уæрæсейы агресси махæн æнæзонгæ нæ уыдаит, Гуырдзыстонæн уæддæр сæрмагонд быцæусидтæй ссис ацы масштабы быцæуæмбæлд – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили пленарон раьбадтыл, Гуырдзыстоны парламенты 2022 азы куысты хыгъдлæвæрды æмæ 2023 азы архайадон план бавдисыны рæстæджы райхъусн кодта.
Шалва Папуашвили куыд банысан кодта афтæмæй, 2022 аз æхсæнадæмон æмвæзадыл уыдис уæззау, Уæрæсейы агресси Украинайы ныхмæ дæсгай мин адæймагы цард ахаста. Папуашвили куыд банысан кодта афтæмæй, Уæрæсейы агресси зæгъгæ Гуырдзыстонæн æнæзонгæ нæу.
«2022 аз æхсæнадæмон æмвæзадыл уыд вазыгджын. Уæрæсейы агресси Украинайы ныхмæ дæсгай мин адæймаджы, уый нымæцы сывæллæтты цард ахаста, тасс æрхаста дунейы æдасдзинады уæвæг архитектурæйæн æмæ æхсæнадæмон сæрфадæн, расайдта глобалон æнæстабилондзинад, хæлцады æмæ энерго кризистæ. Нæкæсгæ уымæ æмæ Уæрæсейы агресси махæн æнæзонгæ нæу, Гуырдзыстонæн, куыд ацы регионы уæнг бæстæйæн, уæддæр сæрмагонд быцæусидтæй ссис ацы масштабы быцæудзинад.
Ахæм уавæры Гуырдзыстонæн иттæг нысаниуæгджын уыд, куыд нæ хæлар паддзахад – Украинайæн æмæ йæ цæрджытæн баххуыс кæнын, афтæ фыццаджы дæр Гуырдзыстоны сабырдзинад ма фесафын æмæ конфликты фæстиуæгæн сæвзæргæ кризистæй нæ цæрджыты максималоæнй баиргъæвын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы вввазыгджын рардæн, гуырдзыстоны хицауадимæ иумæ, Гуырдзыстоны парламент дæр æнтыстджынæ бахъом ис æмæ цæрджытæ ацы тыхархайдæн бæрзонд аргъ скæндзысты» – райхъусын кодта Шалва Папуашвили.