Шалва Папуашвили фембæлдис Венецийы Комиссийы делегациимæ
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Европæйы Советы Венецийы Комиссийы делегациимæ фембæлдис, кæцыйæн Венецийы Комиссийы генералон нымæрдар Симона Менинг-Граната къухдариуæг кодта.
Гуырдзыстоны парламенты пресскуысты информацийæ, фембæлдыл бахахх ис Гуырдзыстоны æмæ Венецийы Комиссийы æхсæн бирæазон фæстиуæгджын æмгуыстад.
Шалва Папуашвилийы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны тынг аргъ кæны Венецийы Комиссиимæ æмгуыстадæн æмæ йæ бацæттæгонд хъуыдыты æндæр æмæ æндæр закъонопроектты фæдыл, кæцы йæ къух аразы Гуырдзыстоны европаг стандарттæм æрыввахс кæнынæн.
Симона Менинг-Граната фæныхас кодта Венецийы Комиссийы хъуыдыты æрцæттæйы процесс æмæ процедурæтыл, кæцытæ активон диалогы æмæ баивдтыл бындуæвæрд сты. Бахахх ис Гуырдзыстоны æмæ Венецийы Комиссийы æхсæн регулярон коммуникациты нысаниуæг закъонопроект æрцæттæйы æмæ райсты алы этапыл. Фембæлдыл фарсытæ фæныхас кодтой Гуырдзыстоны сæххæст реформæтыл æмæ дарддæр æмгуыстадмæ цæттæдзинад равдыстой.