Шалва Папуашвили фембæлдис Лихтенштейны  фæсарæн хъуыддæгты министримæ
Шалва Папуашвили фембæлдис Лихтенштейны фæсарæн хъуыддæгты министримæ

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили   Лихтенштейны фæсарæн хъуыддæгты, ахуырады æмæ  спорты министр Доминик Хаслеримæ фембæлдис.

Парламенты  пресскуысты  информацийæ,ф арсытæ   æркастысты  Гуырдзыстоны æмæ Лихтенштейны  æхсæн дыууæфарсон  æмæ бирæфарсон   ахастытæ.

«Шалва Папуашвили бузныг загъта  Лихтенштейны  æрдгæй Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæ фарсхæцыны тыххæй, уый нымæцы, ИНО-ы   генералон  ассамблнйыл   тыхбын бынативгæ  уæнгты  æмæ  лигъдæтты  статусы  фæдыл   Гуырдзыстоны резолюцийы æмспонсордзинадæн.

Доминик Хаслеры  дзырдæй,  зæгъгæ Гуырдзыстоны æмæ Лихтенштейнæн  иумæйаг  хæзнатæ ис, цахæмдæр сты   демократийы, адæймаджы барты  æмæ æхсæнадæмон   барады принциптæн цыт кæнын.

Доминик Хаслер  банысан кодта, цæмæй  Лихтенштейн йæ фарс хæцы   Гуырдзыстоны  европаг  тырнынадтæн  æмæ цæттæ у,  фæхай кæна  Гуырдзыстонæн Лихтенштейны, куыд Европæйы   экономикон   тыгъдады (ЕЕА) уæнг бæстæйы,  фæлтæрддзинад Евроцæдисы закъондæттынадмæ æрыввахсы æрдгæй» – дзырдæуы  Гуырдзыстоны парламенты  пресскуысты  ахæлиугонд   информацийæ.