Шалва Папуашвили  фембæлдис Францы Сенаты сæрдаримæ
Шалва Папуашвили фембæлдис Францы Сенаты сæрдаримæ

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  фембæлдис  Францы  Сенаты  сæрдар, Жерард Ларшэимæ. Информаци  хъусын кæны  парламенты  пресс-куыст.

Афтæма сæ  хъусинагæй Шалва Папуашвили  фæныхас кодта  Еврокомисиийы 12  рекомендацийы  сыххæсты  прогрессыл  æмæ ныфс равдыста, цæмæй афæдзы кæрон   европаг   советы  ратдзæн Гуырдзыстонæн кандидат бæстæйы статус.

Францы  Сенаты  сæрдар банысан кодта, цæмæй  Франц  дарддæр кæны  Гуырдзстонæн  фарсхæцын  Евроинтеграцийы фæндагыл. Жерард Ларшэ  ныхасы рæстæджы бахахх кодта  Гуырдзыстоны  цæгататлантикон  альянсы  уæнгсуæвынмæ  тырнынад æмæ банысан кодта, цæмæй  йæ хайбавæрд  глобалон æдасдзинады æмæ регионы  тсабилондзинад сифтонг кæнынæн  æгæрон у.

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар афтæдæр фæныхас кодта  бæстæйы  уæвæг   экономикон  æмæ  политикон   уавæрыл.

Фембæлдыл  фарсытæ  фæныхас кодтой  Гуырдзыстон æмæ Францы æхсæн   уæвæг æнгом партнерон  ахастытыл  æмæ   азты дæргъы уæвæг историон æмæ культурон  æмгуыстад фæарфдæрмæ цæттæдзинад  равдыстой.