Шалва Папуашвили фембæлд Туркменийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министримæ
Шалва Папуашвили фембæлд Туркменийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министримæ

Парламенты сæрдар Шалва Папуашвили фембæлд Туркменийы фæсарæн хъуыддæгты министр Рашид Мередовимæ.

Гуырдзыстоны парламенты пресс-куыст куыд хъусын кæны афтæмæй, фарсытæ банысан кодтой Гуырдзыстон æмæ Туркменийы æхсæн хæларадон ахастыты дæргъвæтин истори.

Папуашвили Шалва фæстиуæгджын парламентон æмахастытæ бахахх кодта. Банысангонд æрцыд къабæзты комитетты ‘хсæн бастдзинæдтæ фидардæр кæныны ахсджиагдзинад. Шалва Папуашвили расидтис цæттæдзинад йæ коллегæйы, Туркменийы Меджлисы сæрдарæн Гуырдзыстоны суазæг кæнынмæ.

Сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд дыууæ бæстæйы ахсджиаг географион бынатмæ Ныгуылæн æмæ Скæсæны æхсæн бастдзинад парахат кæныны æрдгæй. Ныхасы ма цыд перспективон транспортон æмæ энергетикон проекттыл.

Фарсытæ æруынаффæ кодтой Цæгат Кавказы æмæ Астæуккаг Азийы цæугæ цаутыл. Банысан кодтой дæргъвæтин сабырад æрфидар кæнынмæ здæхт тыхархайдты нысаниуæг.

Фембæлдыл позитивонæй саргъ кодтой дыууæ бæстæйы æхсæн ИНО-йы фæлгæтты æмгуыстадæн. Рашид Мередов сбæлвырд кодта Туркменистаны фидар фарсылхæцындзинад Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, афтæ дæр расидтис бузныджы ныхæстæ Гуырдзыстоны фарсылхæцындзинад Туркменистаны æнæивгæ нейтралондзинады статусæн.