Шалва Папуашвили фембæлд Сомихыстоны Националон Æмбырды делегациимæ
Шалва Папуашвили фембæлд Сомихыстоны Националон Æмбырды делегациимæ

Парламенты сæрдар Папуашвили Шалва фембæлд Сомихыстоны националон ассамблейы æттаг ахастыты комитеты делегациимæ.

Шалва Папуашвили позитивонæй саргъ кодта Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны закъондæттæг органты æмкуыстдзинадæн.

Æттаг æмахастыты комитеты сæрдар Саргис Ханданян позитивонæй саргъ кодта Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны парламенты æттаг æмахастыты комитетты иумæйаг рабадты форматæн, кæцы у хорз фадат дывæрсыг æммахастытæ æмæ регионалон динамикæйыл фæныхас кæнынæн.

Уый æрдзырдта Сомихыстоны æттаг политикæйыл, кæцы, йæ ныхæстæм гæсгæ, фыццаджыдæр здæхт у регионалон æмгуыстад æмæ хорз сыхаг ахастыты рæзтмæ.

Фæрстæ æруынаффæ кодтой Цæгат Кавказы абоны уавæр æмæ регионалон сабырдзинады перспективæтыл. Саргис Ханданян бузныджы ныхæстæ расидтис Гуырдзыстоны тыхархайдæн регионалон сабырад парахат кæныны хъуыддаджы. Сæрмагондæй, бахахх кодта премьер-министр Ираклий Къобахидзейы æскъуыддзагы нысаниуæгдзинад, кæцымæ гæсгæ Гуырдзыстоны уылты Сомихстонмæ азербайджайнаг æртаджы æфсæнвæндаджы ласт бынтондæр æнæаргъæй сыххæст уыдзæн.

Фембæлды афтæ дæр уынаффæ кодтой Сомихыстон æмæ Турчы æхсæн цæугæ бадзырдтыл æмæ сæ гæнæн фæстиуджытыл.

Партитæ афтæдæр æркастысты дыууæ бæстæйы мидполитикæйы уæвæг цаутæм æмæ плангонд реформæтæ.

Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны парламент парахат кæны.