Шалва Папуашвили фембæлд Азербайджаны Республикæйы Милли Меджлисы комитетты сæрдартимæ
Шалва Папуашвили фембæлд Азербайджаны Республикæйы Милли Меджлисы комитетты сæрдартимæ

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Папуашвили Шалва Азербайджаны республикæйы Милли Меджлисы комитетты сæрдартимæ фембæлд.

Папуашвили социалон хызæгты куыд фыссы афтæмæй, фембæлдыл ныхас цыд Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн фидар хæлардзинад æмæ æнтыстджын æмкуыстдзинадыл.

«Мах æрæвнæлдтам парламентон бастдзинæдтæм, кæцытæ эффективон сты куыд закъондæттæн органты сæрдарты ахастыты, афтæ тематикон комитетты æхсæн дæр». Банысан кодтам бастдзинæдты дарддæры рæзтæн бæрзонд æмвæзады визитты нысаниуæг. Акцентгонд æрцыдысты Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны хицауадты политикон цæстæнгас æмæ приоритеттæ, кæцытæ здæхт сты суверенитет æмæ националон интерестæ хъахъхъæнынмæ æмæ цæрджыты хæрзиуæгмæ. Ныхас кодтам Цæгат Кавказы регионы ныртæккæйы уавæрыл. Мах бахахх кодтам Азербайджан æмæ Сомихыстоны æхсæн сабырадон бадзырды нысаниуæгдзинад. Æз афтæдæр банысан кодтон Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Туркы æхсæн æртæфарсон форматы æнтыстджын æмкуыстдзинад.

«Æз бузныг загътон азербайджайнаг фарсæн Гуырдзыстоны суверенитет æмæ територион æнæхъæндзинады фарсылхæцындзинады тыххæй æмæ ацы æрдгæй, сбæлвырд кодтон мæ фарсылхæцындзинад Азербайджанæн» – фыссы Шалва Папуашвили.