Шалва Папуашвили - Европарламенты тыхты æрдгæй знаггадгæнæг ахастдзинæдтæ хынцгæйæ, Гуырдзыстоны  парламентон делегаци радон Евронесты рабадтыл хайад нæ райсдзæн
Шалва Папуашвили - Европарламенты тыхты æрдгæй знаггадгæнæг ахастдзинæдтæ хынцгæйæ, Гуырдзыстоны парламентон делегаци радон Евронесты рабадтыл хайад нæ райсдзæн

Категорионæй æнæрайсгæ у,  Евронест ницæмæ кæй нæ дары Гуырдзыстоны цæрджыты фæндон æмæ йæхи фæндонмæ гæсгæ, йæ уæнг бæстæйы æвзæрстытæ æмæ демокративон институттæ уромы – уый фæдыл Гуырдызстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвилийы расидæны ис фыст.
Расидæны куыд банысангонд у, афтæмæй, Европарламенты нарæг политикон ахастдзинæдтæ хынцгæйæ, Гуырдзыстоны  парламентон делегаци Евронесты рабадты хайад нæ райсдзæн.
«Иуæй-иу депутаттæ, кæцытæ зындгонд сты сæ знаггадгæнæг æмæ политиконæй æнæраст позицитæй Гуырдзыстоны æрдæм, резолюциты тексттæм бафтыдтой ахæм фиппаинæгтæ, кæцытæ сты бынтон æнæрайсгæ æмæ æнæуаг гуырдзиаг æхсæнадæн. Резолюцитæй иуы,  иуæй иу парламентар фыссы, цæмæй 2024 азы парламентон æвзæрстытæ сты «фальсификацигонд»,  æвзæрст  хицауад та хирасидтгонд.    Ахстгондты та, кæцытæ сты тæрхондоны æскъуыддзагæй ахст, хоны «политикон ахстгондтæй». Ирдæй зыны, цæмæй Евронест платформæ архайы сыхаг бæстæты шантаж тыхы  спайдайæ  æмæ  сæрмагонд уынггæг политикон боны фæткъы  Гуырдзыстон æнæрайсгæ у, кæцыйæ  хæлы бындурæвæрæг мандат.  Афтæ дæр,  йæхи фæндонмæ гæсгæ, йæ уæнг бæстæты æвзæрстытæ æмæ демократион институттæ  дæр  уромы. Уымæ гæсгæ, Европарламенты снысангонд тыхты знаггадгæнæг æмæ уынгæг ахастдзинæдтæ хынцгæйæ, Гуырдзыстоны иудадзыг парламентон делегаци, Евронесты фидæны сесситы хайад нæ райсдзæн» -ис фыст фидиуæны.