Шалва Папуашвили  Европæйы  Советы парламентон ассамблейы   мониторингы  комитеты  æмраныхасгæнджытимæ  фембæлдис
Шалва Папуашвили Европæйы Советы парламентон ассамблейы мониторингы комитеты æмраныхасгæнджытимæ фембæлдис

Парламенты  сæрдар Шалва Папуашвили    Европæйы Советы   парламентон ассамблейы   мониторингы   комитеты   æмраныхасгæнджытимæ,  Эдит Эстрале æмæ Клод Кернимæ фембæлдис.   Фембæлды афтæдæр истой хайад     Гуырдзыстоны Европæйы Советы    офисы   къухдариуæггæнæг  Наталиа Вутова.

Гуырдзыстоны  парламенты  пресс-куысты   инфорамцийæ,   фарсытæ   деталонæй   æркастысты  Гуырдзыстоны  æрдгæй  Евроцæдисы   12  рекмоендацийæ бæрæг    реформæты   сæххæст, фæныхас кодтой   Гуырдзыстоны  айтынггонд  фæзындты   æмæм    парламентон  бонвæтк.

Шалва Папуашвили   æмраныхасгæнджытæн раарфæ кодта    Европæйы Советы  парламентон ассамблейы   мониторингы  комитеты  куыстæн  æмæ   организацийы  æрдгæй Гуырдзыстоны Демократи стынг кæныны процессы  хайбавæрды  тыххæй.   Парламенты  сæрдаримæ иумæ фембæлдыл  уыд,  Европæйы  Советы  парламентон  ассамблейы   Гуырдзыстоны  иудадзыгархаййæг    делегаицйы  къухдариуæггæнæг   Ираклий  Чиковани.