Шалва Папуашвили – Евронесты рабадт Хуссар Кавказы регионы уагъд цæуы æмæ дзы Гуырдзыстон æмæ Азербайджан нæ архайынц, уый амоны, цæмæй Европарламенты уагахасты цыдæр æнæраст у, мах нæ хъавæм фарсы хайад райсынмæ
Евронесты парламентон ассамблейы рабадтХуссар Кавказы регионы уагъд кæй цæуы æмæ дзы Азербайджан æмæ Гуырдзыстон кæй нæ исынц, уый дзурæг у ууыл, цæмæй Европарламенты уагахасты цыдæр æнæраст у, мах нæ хъавæм фарсы архайын – уый фæдыл журналисттæн расидтис Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, афтæ зыны, цыма ацы æндæвдад, постсоветон æмæ посткоммунистон тенденцитæ, кæцытæ сты европарламенты, къухы барæй сты.
«Ацы хъуыддаджы диссагæй ницы ис, цæмæй Горбачевы æмбал Раса Юкневичьене йæхи афтæ дары. Рагæй уынæм советон хуызы къахдзæфтæ Европарламенты. Цы уынут уый у постсоветон æмæ посткоммунистон бæстæты æндæвдад, кæцытæ цæмæдæр гæсгæ хъуамæ хъуыды кæной, цæмæй уыдон хъуамæ хъахъхъæной гуырдзиаг адæмы, цæмæн нæ зонын. уыдон афтæ хъуыды кæнынц, Фæлæ афтæ зыны, цыма уыцы æндæвдад, постсоветон æмæ посткоммунистон тенденцитæ, кæцытæ ис Европарламенты, сты æввахс», -расидтис Папуашвили Шалва.
Уæ информацийæн, Гуырдзыстоны парламенты европон интеграцион комитеты сæрдар Махашвили Леван, Евронесты парламентон ассамблеямæ фыстæг арвыста, цыран банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны парламенты делегаци Евронесты парламентон ассамблейы 12-æм пленарон рабадты хайадистæй йæхи баурæдта Ереваны. Махашвили куыд бамбарын кодта афтæмæй, Евронесты парламентон ассамблейы фæстаг рæстæджы архæйдтытæ серьозон тыхстдзинад æвзæрын кæнынц, ассамблейы бындурæвæрæг акт æмæ скæсæн партнерады Прагайы саммиты иумæйаг декларацийы фундаменталон принциптæ æмæ нысантимæ æнæбаст кæй сты, уый тыххæй.