Шалва Папуашвили – Евроцæдисимæ æнæвизæ режим у цæрынæн нысаниуæгджынæ æмæ рахатинаг пайдаджын Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Евроцæдисы æмæ Шенгены зонæйы бæстæтимæ æнæвизæ режимы æрбайстæй фондз азы юбилейы фæдыл фыссы «Твиттеры».
Папуашвили куыд дзуры афтæмæй, Евроцæдисимæ æнæвизæ режим у цæрынæн нысаниуæгджын æмæ рахатинаг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн.
«Абон нысан кæнæм Евроцæдисы æмæ Шенгены зонæйы бæстæтимæ æнæвизæ режимы æрбайстæй фондз азы юбилей. Цæрынæн нысаниуæгджын, рахатинаг пайда Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, Евроцæдис-Гуырдзыстоны иудадзыгæй рæзгæ партнерады фæстиуæгæн. Гуырдзыстон паспортæн ис стыр аргъад, 119 паддзахадæй уый 30-æм бынатыл ис глобалон рейтингы визæ/æнæвизæ балцы рæстæджы», – фыссы Шалва Папуашвили.