Шалва Папуашвили - Евроцæдис нæ уыдзæн æххæст æнæ Гуырдзстон, афтæ куыд Гуырдзыстон нæ уыдзæн æххæст æнæ Евроцæдис, уый у иунæг историон-культурон тыгъдад, кæцыйы хай стæм
Евроцæдис нæ уыдзæн æххæст æнæ Гуырдзыстон, афтæ куыд Гуырдзыстон нæ уыдзæн æххæст æнæЕвроцæдис, уый у иу историон -культурон тыгъдад, кæцыйы хай стæм. Уырнæг дæн культурон дипломати бахæссдзæн скуыддзаггæнæг роль ацы тыгъдады фæстагмæ сног кæныны – райхъусын кодта парламенты сæрдар Шалва Папуашвили парламенты культурæйы комитетимæ кусæг консультацион советы æрвылазон рабадтыл.
Уый ма афтæдæр радзырдта Европæйы ролыл æмæ банысан кодта цæмæй Евроцæйы райрæзты алы этапыл Гуырдзыстон уыдис ацы райрæзты æмхайадисæг.
«Мах фæнды фидæны дæр уæм Европæйы райрæзты хай. Фæнды нæ Евроцæдисы æртæ официалон фыссынадмæ бафтауæм цыппæрæм официалон фыссынад гуырдзиагы хуызæй, Евроцæдисы 24 æвзагмæ бафауæм дыууынфæндзæм – гуырдзиаг æвзаг. Мах ацы хайбавæрд æнæрмæст æвзагонæй, культуронæй, барадмæ гсгæйæ дæр базæссæн Евроцæдисы райрæзтмæ» – райхъусын кодта Шалва Папуашвили æмæ банысан кодта,ц æмæй нысаниуæгджын у культурон дипломати, кæцы парламентон дипломатийы активон хай у, кæцыйæ ацы сидты парламент активонæй пайда кæны.
Мадзалы хайад райсьлй Гуырдзыстоны парламенты уæнгтæ, дипломатон корпусы минæвæрттæ æмæ сециалонæй хуынд уазджытæ. Панелон дискуссийы сæйаг раныхасгæнджытæ уыдысты: ЮНЕСКО-ы раздæры генералон директор, зонадон мисситы æмæ фæраондзинады глобалон комиссийы æхсæнадæмон зонадон советы къухдариуæггæнæг Ирина Бокова, Швейцарийы æхсæнадæмон политикæйы форумы вице-президент, Женевæйы æдадсзинады политикæйы центры ассоциацигонд эксперт Давид Чикваидзе, лидердзинады, культурæйы æмæ райрæзты профессор Гасан Халил.