Шалва Папуашвили – Евроцæдис кæй хъæуы, уый  баиу уыдзæн  рекомендациты сыххæсты процессмæ
Шалва Папуашвили – Евроцæдис кæй хъæуы, уый баиу уыдзæн рекомендациты сыххæсты процессмæ

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвилийы   фидиуæнæй, парламенты февралы арызт  кусæн къорды абоны  фембæлдыл  баивдзысты   партиты  фысгæ  анализ, кæцы уыдзæн, цæмæй  цы реформæтæ  сыххæст сты ныры онг,  цы быцæусидтытæ æмæ куыд сдзуапп кæндзыстæм  уыдонæн.

«Тæрхондоны реформæйы  тыххæй куы зæгъæм,  ам комиссийы æмæ  европаг   советы   рекомендаци  у ахæм –  анализы бындурыл хъуамæ   бакуыстæуа реформæйы  стратеги æмæ дыккаг –  ацы реформæйы сæххæст  æмбæлгæ закъонмæ ивддзинæдтæ  бахæссыны фæрцы, кæцыйы афтæдæр баст уыдзæн  Венецийы Комисси æмæ сæ рекомендацитæ.  Растдæр  уый аразæм æмæ   зонут, цæмæй   ацы  куыст райдыдта  уæдмæ,  ацы  æрдгæй  нын ис  размæ  къахдзæф», – банысан кодта Шалва Папуашвили.

Оппозицийы  хай, «Стратегиа Агъмашенебели», «Лело»  æмæ  «Националон Змæлд»  кæй нæ хъавынц  абоны фембæлды хайад райсын,  уый тыххæй  Шалва Папуашвилийы дзырдæй   зæгъгæ  Евроцæдисы фæндагыл  цæуын кæй фæнды, уыдон  рекомендацитæ сыххæсты  процессмæ  абуи уыдзысты.

«Ныр хайад райсыны  процессы  тыххæй куы зæгъæм,  уæд – кæй  фæнды  Евроцæдис, ацы фæндагыл  цæуын кæй  фæнды, уыдон баиу уыдзысты    Евроцæдисæй лæвæрд   рекомендациты сыххæсты процессмæ.  Чи нæ иу кæны  ацы рекомендациты сыххæстмæ, уый  Евроцæдис нæ хъæуы. Мæнмæ  гæсгæ,  амæй   хуымæтæджы  фарста, гуырдзиаг политикæйы нырма никуы  лæууыд», –  райхъусын кодта Шалва Папуашвили.