Шалва Папуашвили – цыфæнды прогресс нын уæд æндæр æмæ æндæр æрдгæй, кæддæриддæр нæ зæрдыл хъуамæ дарæм уый, цæмæй амалхъомдзинад цух уæнгтæн æмхуызон фадæттæ скæнын æн æрвылбойнон куысты рард у
3 декабр амалхъомдзинад цух уæнгты æхсæнадæмон бон у, нæ хицауад 2017 азы амалхъомдзинад цух уæнгты хьартæ Гуырдзыстоны конституцийæ сфидар сты, æрмæст 2020 азы амалхъомдзинад цух уæнгты барты фæдыл рахæсгæ ног закъон фадæтты ног дуар фегом кодта, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламнты сæрдар Шалва Папуашвили социалон хызаджы фыссы.
«Абон, ныридæгæн цалдæр бон ма куы баззад Европаг Советы æрдгæй Гуырдзыстонæн Евроцæдисы кандидаты статус раттыны онг, сæрмгондæй банысан кæнинаг у амалхъомдзинад цух уæнгты роль æмæ ацы процессимæ иузæрдыгдзинад. Сæрмагондæй, нæ цæф æфсæддæтты, кæцытæ Дунейы тæвд рæтты хъахъхъæдтой глобалон саырддзинад æмæ абон, куыд æнтыстджын параспортсментæ æхсæнадæмон æмвæзадыл рацæуынц нæ бæстæйы номæй.
Нысаниуæгджын ногдзинæдтæ уыдзæн 2024 азы паддзахадон бюджеты- социалон реабилитацийы æмæ сывæллоныл аудыдзинады программæ рæзы 10 милуан ларийæ, кæцы рекъордон рæзт у æмæ суыдзæн 76 милуаны. Ацы программæйы дæлпрограммæтæ æвзæрын кæнынц æнæцудгæ æмæ фидар сервистæ æндæр æмæ æндæр хъæуындзинæдтæм гæсгæйæ, афтæма социалон пакетты рæзт баххæсдзæн алы категорийы амалхъомдзинад цух уæнгтæм.
Фæлæ цыфæнды прогресс нын уæд æндæр æмæ æндæр æрдгæй, мах кæддæриддæр нæ зæрдыл хъуамæ дарæм цæмй амалхъомдзинад цух уæнгтæн æмбæрц фадæттæ саразæм нæ æрвылбойнон куысты рард у, æрмæтс цырд æмæ раст уынаффæты гаранти, сæхæдæг амалхъомдзинад цух уæнгты æмхайаæй æмæ æмархайдæй хаст уынаффæтæ æвзæрын кæнынц», – фыссы Папуашвили.