Шалва Папуашвили «Бинонты хæзнаты æмæ æнахъомты хъахъхъæды» закъоныл йæ къух бафыста
Абогн Гуырдзыстоны конституцимæ гæсгæйæ, къух фыссын «бинонты хæзнаты æмæ æнахъомты хъахъхъæды фæдыл» закъоныл, кæцыйыл йæ къух нæ бафыста Саломэ Зурабишвили – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили фыссы социалон хызагы.
Йæ дзырдæй зæгъгæ, закъон кæцыйыл къух фыссы нæ æвдисы цæугæ, рæстгæмæ ивгæ иедятæ æмæ идеологитæ, фæлæ бындурæвæрд у рæстмæ хъуыдыйыл, историон фæлтæрддзинадыл æмæ æнустæй фидаргонд чырыстонон, гуырдзиаг æмæ европаг хæзнатыл.
«Ацы закхон хъахъхъæны алы æмбæстагы бары, уый нымæцы дзырды сæрибардзинады, афтæ цæмæй æндæр адæймæгты бартæ ма фæцагайа, кæцы у ноы иу æцæг демократийы апп æмæ идея.
Толенрантондзинад уыдис, ис æмæ уыдзæн гуырдзиаг адæмы сæрмгаонд миниуæг. Фæлæ хъуамæ бамбарæм уый дæр, цæмæй толерантондзинад кæрæдзийæн цытыл бындурæвæрд æмцард дары йæ хъуыдыйы, æмæ нæу кæрæдзийы фыддæрагæн æмæ æндæрты дины æмæ хæзнаты ницæмæй дарынæй æмбæстагон сабырдзинады халын.
Ацы закъон у иуæй-иу, кæцыйæн сегасдæр егхау адæмон фарсдарын ис. 2024 азы 17 майы милуаны онг Гуырдзыстоны æмбæстаг рацыд Гуырдзыстоны горæтты уынгтæм. Цæмæй дæр ацыд фактикон референдум ацы закъоныл. Йæ райсты процессы нын уыд афтæдæр кастытæ религион конфесситы минæвæрттимæ, кæцыйы рæстæджы куыд Гуырдзыстоны Рæстдинон аргъуан, афтæ æндæр религион конфесситæ æххæст фарсдарын равдыстой ацы закъонæн. Уый тыххæй мæнæн ацы хзакъоныл къух бафыссын у сегасдæр стыр легитимаци цæмæн ис ахæм къухфыст. Къухбафыст кæцыйы фæстæ лæууы наци æнæхъæнæй» – банысан кодта Шалва Папуашвили.