Шалва Папуашвили АИШ-ы æхсæнадæмон райрæзты агентады администраторы æххуысгæнæгимæ фембæлдис
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили демократийы, адæймаджы барты æмæ хицаудзинады фарстаты АИШ-ы æхсæнадæмон райрæзты агентады (USAID) аминистраторы æххуысгæнæджы Шенон Гринимæ фембæлдис.
Гуырдзыстоны парламенты пресскуысты хъусинагæй, Шалва Папуашвили зæрдæрухсзинад равдыста USAID-ы Гуырдзыстонæн бирæазон æххуысы тыххæй. Райгонддзинад сфиксир кодта USAID-ы 2020-2025 азты стратегийы Гуырдзыстонæн бæрæг приоритетты, кæцытæ Гуырдзыстоны дарддæр демократон райрæзтыл, экономикон рæзтыл æмæ фæразондинад стынг кæнынмæ уагъд.
«Шенон Грин аргъ скодта USAID-ы æмгуыстадæн Гуырдзыстонимæ. Уый Гуырдзыстоæн раарфæ кодта Евроцæдисы кандидаты статус райсын. Фарсытæ фæныхас кодтой Гуырдзыстоны æрдгæй Евроцæдисы фараст къахдзæфы сыххæстыл. Афтæма æркастысты фидæны æмгуыстады æрдæмадтæ. Шенон Грин цæттæдзинад равдыста Гуырдзыстоны дарддæры фарсхæцыны, уый нымæцы Евроцæдисы фараст къахдзæфы сыххæсты æрдгæй», – банысангонд у информацийы.