Шалва Папуашвили æмæ парламенты уæнгтæ  оккупацигонд Абхазы территорийæ æрласгæ  20  гоймагæн сæ ном ссардтой
Шалва Папуашвили æмæ парламенты уæнгтæ оккупацигонд Абхазы территорийæ æрласгæ 20 гоймагæн сæ ном ссардтой

Парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  æмæ парламенты уæнгтæ  Абхазы оккупацигонд территорийæ æрласгæ  1990-æм азты  гарзджын архæйдтыты рæстæджы æвæндаг-æрбайсæфтуæвæг 20 гоймагæн сæ ном ссардтой.

Æмбæстагон панихидæ  Самебайы Кафедралон   аргъуаны  ацыд.  Шалва Папуашвили æмæ депутаттæ  фæмардуæвджыты бинонты  уæнгтæн тæфæрфæс ракодтой.

20 гоймагы  идентификацигонд мардыбуарæй  14 æфсæддæтты сты æмæ  6 та  хуымæтæг æмбæстæгтæ.

Гуырдзыстоны 1990 азты гарзджын архæйдтыты  æмæ 2008 азы  августы хæсты фæстиуæгæн 2000-æй фылдæр  адæймаг нымад цæуы  æвæндаг æрбайсæфтуæвæгыл.