Шалва Нателашвили – минæвæрттимæ фембæлды деталтыл нæ радзурдзынæн, фæлæ оппозици афтæ æмуд никуы федтон, æмæ дзы хъуыды дæр никуы акодтаин
Æнхъæлмæкæсинаг куыд уыд афтæ, процессы регулиркæныны процессмæ баиу уыдзысты нæ æмцæдисонтæ, хæлар паддзахадтæ, ацы цауы АИШ-ы минæварад æмæ Евроцæдисы минæварад, – уый фæдыл «Лейбористон Партийы» лидер Шалва Нателашвили дипломаттимæ фембæлды фæстæ фехъусын кодта.
Уый ма загъта, цæмæй минæвæрттимæ фембæлды хайад истой уыцы партиты минæвæрттæ, кæцытæ парламентон æвзæрстыты бареьрыл ахызтысты.
«Фембæлдтæ дарддæр кæндзæн, мæ бон зæгъын у дыууæ цыдæр, уым цæугæ бадзырдты детализаци, бадзрыдмæ гæсгæйæ, нæ уыдзæн, куыд æмбæлы афтæ, фæлæ мæ бон зæгъын у, сæрыстырæй банысан кæнын, цæмæй афтæ æмуд оппозици никуы уыдис, фæнды ацытæккæ куыд у, æз никуы федтон, æмæ хъуыды дæр никуы акодтаин – афтæ. Алчи стæм уыцы позицийыл, кæцы уыдис сæрыфыццагæй», – фехъусын кодта Шалва Нателашвили.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ йæ позици у, цæмæй хъуамæ ацæуа ногæй æвзæрстытæ ног администрациимæ, кæцы гæнæн ис комплектгонд уа ЕÆÆО-ы, Евроцæдисæй.
«Ногæй бахыгъдыл ныхас ма хъуамæ уа, ногæй бахыгъд ацы хъуыддагæн ницы æххуыс у, мардæн реанимаци куыд нал баххуыс уыдзæн –афтæ. Минæвæрттæ нын ницы бахæс кæндзысты, уыдон сты æхсæнылæгтæ æмæ архайынц, цæмæй бадзырдты хайадисджыты позицитæ кæрæдзимæ баввахс кæной æмæ райсой фæстиуæг, ахæм у хæлæртты позици. Цы фæстиуæгæй фæуыдзæн æмæ конкретонæй цы нысанмæ æрцæудзыстæм, уый ацытæккæ зæгъын зын у. Оппозици парламентмæ нæ хизы, куры ног æвзæрстытæ», – фехъусын кодта Нателашвили.
Афтæма, фарстыл, зæгъгæ оппозици цæй мидæг уыны компромисс, Нателашвили дзуапп дæтты, – зæгъгæ ног æвзæрстыты «Гуырдзиаг Бæллицимæ» хайад исын, се рдгæй, компромисс уыдзæн растдæр.